Тымбылхъæды Дзуары бон | Дуг. Цаутæ. Адæм
А-изæр аныхас кодтам, хæстæгдæр фидæны нæм цы ахсджиаг цау æнхъæлмæ кæсы, ууыл – Тымбылхъæды Дзуары боныл. Æрвылаз уый махæн вæййы нæ иудзинады æвдисæн, кæрæдзимæ хъарм зæрдæ дарыны бæрæггæнæн, хи Дунесфæлдисæгыл бафæдзæхсыны мадзал. Рагæй-нырмæ дæр Хетæджы Дзуары бон ирон адæмæн уæлдай уарзон бæрæгбон уыд. Ныхас та кæндзыстæм йе `рвитыны фæткыл абоны уавæрты. Уый тыххæй нæ студимæ æрбахуыдтам нæ республикæйы парламенты депутат, æхсæнадон архайæг Уататы Зелим æмæ Дзуары бынатмæ кæсæг къорды хистæр Черчесты Аланы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Тымбылхъæды Дзуары бон | Дуг. Цаутæ. Адæм
Категория:
Новости и СМИ