Йæхиуыл æрцыд
Куыд хъусын кодтам, афтæмæй Дзæуджыхъæуы æрцахстой Республикæйы мидхъуыддæгты министрады экономикон æдасдзинады æмæ гæртæмттæ исынимæ тох кæныны хайады хицауы хæдивæджы. Уыцы куыст ын бакодтой Федералон Æдасдзинады службæйы, стæй мидхъуыддæгты министрады хи æдасдзинады хайады уæнгтæ. Азымджын æй кæнынц егъау гæртам райсынæй. Куыд зæгъынц, афтæмæй йæ домдта республикæйы хъæуы хицæуттæй иуæй. Администрацийы сæргълæууæг айтæ-уйтæ нал фæкодта, фæлæ федералон æдасдзинады службæмæ фæхабар кодта. Афтæмæй гæртамисæджы баурæдтой, 6 милуаны æмæ 700 мин сомы йæхирдыгæй фæкæнынмæ куыд хъавыд, афтæ. Слестгæнæн разамынды пресс-службæйæ нæм æрбарвыстой официалон хъусынгæнинаг. Амынд дзы куыд ис, афтæмæй ныртæккæ кусынц азымджынæн бауромыны мадзал снысан кæныныл æмæ йын йæ азым бацамоныныл. Дарддæр цæуынц слестгæнæн, стæй оперативон-сгарæн куыстытæ. Хъуамæ сбæрæг уа, пъæлицæйы ахст булкъон ма ахæм фыдракæндтæм исты бар дары æви нæ, уый. Уголовон хъуыддаг раиртасыныл дарддæр кусынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Йæхиуыл æрцыд
Категория:
Новости и СМИ