Стыр Мызуры хæзнатæ | Фыдæлты уæзæгмæ
Зæххон дзæнæт, аргъæутты бæстæ – афтæ схонæн ис Мызургомы æрдхæрæны рæсугъд зæххытæ. Ацы хæхбæстæ канд æрдзон лæвæрттæй хайджын нæу. Стыр Мызуры алыварс цы 9 кувæндоны ис, комы хистæртæ цы тæмæссаг таурæгътæ æрыхъуыстой сæ фыдæлтæй, уыдон æвдисæн сты адӕм ӕмӕ уӕларвон сыгъдӕг тыхты бастдзинадӕн, ацы зæххы бирæ сусæгдзинæдтæн.