Мамысоны курорты арæзтадæн бюджетæй хъæуы рахай кæнын 6 млрд сомы
Æрвылазон туристон-рекреацион комплекс «Мамысон»-ы арæзтады фæдыл сентябры бадзырд бафыста Уæрæсейы премьер-министр Дмитрий Медведев. Инженерон инфраструктурæйы проектыл ныридæгæн схардз кодтой 885 милуан сомы. Æдæппæтæй та, инженерон, транспортон æмæ хæххон инфраструктурæйы арæзтадæн бахъæудзæн 6 млрд сомæй фылдæр. Уыцы федералон фæрæзтæ бахъæудзысты æртæ азы æмгъуыдмæ, фæнысан кодта Томайты Хъазыбег. Фысымуæттæ æмæ æндæр сервисæн та æхцайы фæрæзтæ, 10 млрд сомы бæрц, рахай кæндзысты инвестортæ. Ныртæккæ ис æппæт гæнæнтæ, цæмæй хæстæгдæр 3 азмæ проект æххæстгонд æрцæуа. Республикæйæн уый ратдзæн 3 мины уæлæмхасæн куысты бынæттæ. «Вантовый» кæй хонынц, ахæм хид аразыны бæсты, Мамысоны комы фæнд кæнынц, цы тоннель дзы уыд, уый рацаразын. Ахæм проект сæххæст кæнынæн рахай кодтой 2 млрд сомы. Уыцы æхцатæй сарæзтой инженерон æмæ транспортон инфраструктурæйы элементтæ. Сæрмагондæй фæндаг, подстанцæ æмæ донхатæнтæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, «Мамысон»-ы туристон комплексы арæзтады фæзуат у 1 мин æмæ æрдæг гектары. Проектмæ гæсгæ фæнд кæнынц хæххон къахдзоныгъон трассæты арæзтад, сæ иумæйаг дæргъ - 20 кмæй фылдæр, арæзт уыдзæн 1 мин 160 метры бæрзæндыл. Проект «Мамысон»-æн егъау фадæттæ ис, æмæ, проект куы сырæза, уæд бахаудзæн дунейы хуыздæр хæххон къахдзоныгъон трассæты хыгъдмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Мамысоны курорты арæзтадæн бюджетæй хъæуы рахай кæнын 6 млрд сомы
Категория:
Новости и СМИ