Дзæуджыхъæуы 26-æм скъолай æрцыд зынгсирвæзт
Нæ программæ райдайдзыстæм æнæнхъæлæджы хабарæй. Дзæуджыхъæуы 26-æм скъолай æрцыд зынгсирвæзт. Уый тыххæй хъусын кæнынц республикæйы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады. Ам куыд фæнысан кодтой, афтæмæй, æнæнхъæлæджы цауы тыххæй хъусынгæнинаг райстой 20 сахаты æмæ 53 минутыл. Арты уацары бахауд чиныгдон. Ныртæккæ цы кадртæ уынут, уыдон апарахат сты социалон хызты. Бæстыхаймæ батагъд кодтой зынгхуыссынгæнæн службæ æмæ ирвæзынгæнджытæ. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ адæмæй хъыгдард ничи баййæфта. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы 26-æм скъолай æрцыд зынгсирвæзт
Категория:
Новости и СМИ