Цæгат Ирыстоны æйчыты аргъ æрхауд

Цæгат Ирыстоны æйчыты аргъ æрхауд. Æрмæст къуыримæ фæасламдæр сты 7 сомы бæрц. Хъæууон хæдзарады министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ныридæгæн дæс айчы рæстæмбис аргъ у 63 сомы. Дзæуджыхъæуы егъаудæр базарадон бынæттæй иуы нын куыд радзырдтой, афтæмæй æйчытæ фæзынаргъ сты фарон декабры мæй. Уæд сæ аргъ уыд 170 сомæй фылдæр. 5 сомы бæрц фæкъаддæр сты æндæр регионтæй цы халсарты ласынц, уыдон дæр. Зæгъæм, картофы килæ ис балхæнæн 35 сомæй, къабуска 20-30 сомæй, уырыдзы æмæ цæхæра — 50. Карчы дзидза кæны 190 сомæй 200 сомы онг. Ивддзинæдтæ бамбæрстой цæрджытæ дæр.

Иконка канала IRYSTONTV
1 453 подписчика
12+
30 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии