58 æм æфсады дæлхайæдтæ репетицитæ кæнынц 9 Маймæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

9 лет назад

9-æм майы Дзæуджыхъæуы цæудзысты бæрæгбоны мадзæлттæ. Программæйы — æфсæддон техникæйы архайдимæ парад, алыхуызон акцитæ, концерттæ, равдыстытæ, ирхæфсæн мадзæлттæ æмæ салют. Фæлæ уал ныр та — репетицитæ. 58-æм æфсады минæвæрттæ сæйраг уынгыл æмрæнхъ куыд цæудзысты, уый фæлварынц. Архайынц дзы куыд нæлгоймæгтæ, афтæ сылгоймæгтæ дæр. Куыд цæттæ сты? Куыд æмбæлы, афтæ — паддзахадон тырысатæ сæ бынæттæ ссардтой. Дарддæры фæтк дæр — раст æфсæддон пъланы хуызæн. Цæттæдзинады доклад æмæ уынджы анхъæвзта æфсæдты къахайст. Репетицийы чи архайы, уыдон иууылдæр сæ бæрнондзинад æнкъарынц. «Ацы парад нын æртыккаг у. Нæ фыдæлтæ цæмæй къæмдзæстыг ма кæной, ууыл архайæм. Не `нкъарæнтæ махæн нæ бон ныхасæй зæгъын дæр нæу, адæймаджы зæрдæйы рацæйгæпп кæны ветеранты цур къахдзæф кæнгæйæ», — минометон батарейы хистæр растæвæрæг Ирлен Гатаев. Нæлгоймæгты æмрæнхъ — сылгоймæгтæ дæр. Фыццаг хатт н` архайынц парады. Уыдон дæр сæхи уыцы хорзæхæй амондджын хонынц. Æгайтма сæм ахæм кадджын хъуыддаджы архайыны бар æрхауд. «Нæхи бирæ рæстæг цæттæ кодтам. Фарон парады фыццаг хатт архайдтон, мæхимидæг тынг тыхстæн репетицийы. Æцæгæй куы ракъахдзæф кодтон фæзмæ, уæд бынтондæр фырцинæй мæ сæр разылд», — оркестры артист Толпарты Евгения. Парад аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй йæм цæттæ кæнынц æнæрынцойæ. 9-æм Майы Дзæуджыхъæуы сæйраг уынгыл фæндзай æстæм æфсады дæлхайæдтæ сæхи равдисдзысты. Фенæн дзы уыдзæн æфсæддон техникæй дæр. Уæдæ æнæнхъæлæджы æхсызгон лæвæрттæй дæр аразджытæ зæрдæ бавæрдтой. «Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы æвдай æртыккæгæм боны кадæн парады хъуамæ архайой минмæ `ввахс адæймаджы, техникæйы бæрц та бауыдзæн сæдæ. Адæм фендзысты нырыккон танктæ æмæ æндæр æфсæддон машинæтæ», — 19-æм бригады командыгæнæджы хæдивæджы хæстæ æххæстгæнæг Олег Нагорный. Репетицитæ ма фидæны дæр уыдзæн. Æртæ дзы сараздзысты Сæрибардзинады фæзыл. Æртыккæгæм, фæндзæм æмæ æвдæм майы. Æфсæддонтимæ иумæ парады архайдзысты Уæрæсейы Национ гварди, суворовонтæ æмæ æвзонг æфсæддонтæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

58 æм æфсады дæлхайæдтæ репетицитæ кæнынц 9 Маймæ

Категория:

Новости и СМИ