Цæгат Ирыстоны адæмон артист Битарты Алыксандр бæрæг кæны йæ юбилей

Æгæрон æмæ алывæрсыг курдиаты хицау. Абон йæ юбилей бæрæг кæны Цæгат Ирыстоны адæмон артист Битарты Алыксандр. Æххæст ыл кæны 45 азы. Актёры сфæлдыстадон фæндаг у хъæздыг. Сарæзта бирæ сурæттæ, рауадысты йын ирд æмæ зæрдæмæдзæугæ. Битарты Алыксандр каст фæцис Щукины номыл театралон институт. 2014-æм азы йын радтой республикæйы сгуыхт артисты ном. 2019-æм азы та Битарты Алыксандрæн саккаг кодтой Цæгат Ирыстоны адæмон артисты ном. Æцæг адæмон артист кæй у, уый та бæрæг у йæ театралон равдыстытæм ын аивадуарзджытæ куыд зæрдиагæй æрбацæуынц, уый. Егъау æмæ ахсджиаг сурæттæй райдай æмæ хуымæтæг, рог, хъæлдзæг сурæттæй фæуы. Куыд дунеон классикæйы, афтæ ирон уацмысты дæр. Се 'ппæт дæр ын рауайынц иухуызон хорз æмæ цымыдисаг. Ирон театры 70 азы юбилеймæ Битары фыртæн радтой Цæгат Ирыстоны культурæйы министрады Кады грамотæ. Уарзон артистæн йæ гуырæнбоны фæдыл арфæ кæны нæ телекомпани дæр.

Иконка канала IRYSTONTV
1 461 подписчик
12+
23 просмотра
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии