Уæрæсейы слестгæнæн комитет райдыдта Ленинграды блокадæйы архайæг Александра Левченкойы хъуыддаджы ф
Уæрæсейы слестгæнæн комитеты офицертæ райдыдтой Ленинграды блокадæйы архайæг, 101 аздзыд Александра Левченкойы хъуыддаджы фæдыл кусын. Уый Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг Ленинграды блокадæйы æгасæй баззад, фæлæ йæ документтæ сæфт æрцыдысты. Цæмæй документтæ сногæй кæной, уый тыххæй хъæуы тæрхондонмæ курдиат ныффысын, уыимæ ссарын цауты æвдисæнты. Ацæргæ сылгоймагæн уыцы куыст бакæнын у зын æмæ æцæг хъаймæт. Уый фæдыл Уæрæсейы Слестгæнæн комитеты сæрдар Александр Бастрыкин йæ кусджытæн бахæс кодта сылгоймагмæ фæкæсын. Комитеты кусджытæн Александра Левченко радзырдта 1919 азы Архонкæйы станицæйы кæй райгуырд, уый тыххæй. Схъомыл æй кодта йæ мады хо. 30-æм азты бинонтæ кусынмæ афтыдысты Ленинградмæ. 1936 азы Александра Левченко йæ цард сбаста æфсæддон тæхæг - Алексей Ражевимæ. Куыд радзырдта афтæмæй Ленинграды къæлæты Александрæйæн рæуджыты низæй фæмард йæ сывæллон, йæхæдæг та фæцæф, бомбæтæ куы рæмыгътой, уæд. Уый фæстæ сын сарæзтой эвакуаци Свердловскмæ. Хæст куы фæци, уæд йæ цардæмбалимæ Александра Левченко фæстæмæ ацыд цæрынмæ Ленинградмæ. Уым фæцардысты 1974 азы онг. Уый фæстæ сылгоймаг сыздæхт йæ райгуырæн бæстæмæ - Цæгат Ирыстонмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Уæрæсейы слестгæнæн комитет райдыдта Ленинграды блокадæйы архайæг Александра Левченкойы хъуыддаджы ф
Категория:
Новости и СМИ