Битарты Вячеслав фембæлд Дыгуры районы цæрджытимæ
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг дарддæр æмбæлы республикæйы цæрджытимæ. Ацы хатт уыд Дыгуры районы. Хъарман-Сындзыхъæуы. Æмбырды архайдтой районы сæргълæууæг Хъодзасты Марклен æмæ респубикæйы министрадты минæвæрттæ. Культурæйы бынæттон хæдзары сæмбырд бирæ адæм. Сæ фæрстытæ радтынмæ æрбацыдысты Хъарман-Сындзыхъæу, Къора-Урсдон æмæ Фалдоны цæрджытæ. Бынæттон цæрджыты риссагдæр фарстатæй иу у – Дыгуры районы рынчындон æхгæд кæй, у уый. Нæй дзы реанимацион хайад. Неврологи æмæ хирургийы хайæдтæ та æхгæд сты. Ранчындоны сæйраг дохтыры ныхæстæм гæсгæ дзæбæхгæнæндон æхгæд нæу. Уымæй уæлдай ма дзы фидæны фæзындзæн 5 ног специалисты. Хъуыддаг бæлвырдæй сбæрæг кæнынмæ Битарты Вячеслав республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Годжыцаты Тамерланæн бабар кодта рынчындон бабæрæг кæнын. Хъарман-Сындзыхъæуы та нæй сывæллæтты рæвдауæндон. ныййарджытæ æрвылбон сæ сабиты хонынц Къора-Урсдонмæ. Битарты Вячеслав республикæйы ахуырады министр Людмила Башаринайæн бабар кодта хъуыддагмæ йе ргом раздахын. Районæн та хъæугæ гæххæтытæ бацæттæ кæнын. Цавæр хъуыддæгтæ ма тыхсын кæнынц Дыгуры районы цæрджыты уый тыххæй уын радзурдзыстæм нæ дарддæры равдысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Битарты Вячеслав фембæлд Дыгуры районы цæрджытимæ
Категория:
Новости и СМИ