Абон у Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон тырысайы бон
Абон у Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон тырысайы бон. Бæрæгбоны фæдыл Цæгат Ирыстоны цæрджытæн арфæйы ныхæстæ ракодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Куыд бафиппайдта, афтæмæй нæ бæстæйы тырыса нысан кæны адæмы иудзинад. Рæстдзинад æмæ сæрибардзинады нысан. «Абон нæ бæстæйы хæларæй цæрынц алыхуызон адæмыхæттытæ сæхи культурæимæ. Мах иууылдæр стæм хъомысджын бæстæ — Уæрæсейы цæрджытæ. Иумæ фæллой кæнæм, хъæддых кæнæм бæстæйы социалон-экономикон гæнæнтæ, иумæ архайæм, цæмæй нæ бæстæ уа тыхджын, хæдбар æмæ раззагдæрты 'хсæн. Мæ зæрдæ уын зæгъы сыгъдæг арвы бын цæрын! Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!" - фæнысан кодта Сергей Меняйло. Республикæйы абон ацыд бæрæгбонимæ баст мадзæлттæ. Тырысайы бонмæ парти Иугонд Уæрæсейы æрыгон гвардийы уæнгтæ æмæ Уæрæсейы скъоладзауты змæлды мин архайæджы сарæзтой егъау флешмоб. Сывæллæттæ тырысайы æртæ хуызимæ ралæууыдысты цалдæр рæгъы, бæрæгбоны уазджытæн бацæттæ кодтой сæрмагонд кафт. Сæйраг нысан бæстæйы цæрджытæн равдисын Фыдыбæстæмæ уарзондзинад. Уымæй уæлдай ма активисттæ байуæрстой лентытæ æмæ тырысатæ. Æдæппæтæй 5 минæй фылдæр. Мадзæлттæ сарæзтой Цæгат Ирыстоны алы районы дæр.