Разы сты, фæлæ
Цæгат Ирыстоны парламент пенситы реформæимæ сразы ис. пенсиисджыты кар фæфылдæр кæныныл схъæлæс кодтой 49 депутаты, æртæйæ не сразы сты, дыууæйæ та дзуапп бынтондæр нæ радтой. Парламенты уæнгтæ ахæм уынаффæ рахастой æнæрадон æмбырды. Ацы фарстамæ æхсæнады дæр, политикон архайджытæм дæр иу цæстæнгас нæй. Реформæйы ныхмæ сты коммунистон партийы уæнгтæ. Фракцийы хицау Елена Князевæйы ныхæстæм гæсгæ адæмы ныхмæ арæзт у æмæ йæ бауадзын хорз нæ уыдзæн. 28 июлы та æппæт Уæрæсейы арæзт уыдзысты митингтæ. Арахйдзæн дзы Цæгат Ирыстоны Коммунистон партийы хайад дæр. Æмткæй райсгæйæ, депутаттæм иу хъуыды ис – фарста карздæрæй-карздæр кæны. Фæлæ цæмæй реформæ æнцонтæй ацæуа, уый тыххæй бахастой цалдæр хъæппæрисы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Уæрæсейы Хицауад къæпхæнгай кæй фæнд кæны пенсиисджыты кар фæфылдæр кæны, уый. Нæлгоймæгтæ пенсимæ 65 азæй куыд цæуой, сылгоймæгтæ та 63 азыдзыдæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Разы сты, фæлæ
Категория:
Новости и СМИ