Цæгат Ирыстоны скодтой хатдзæгтæ æнæнхъæлæджы цауты фæстиуджытæ иуварсгæнæг системæйы куыстæн
Цæгат Ирыстоны скодтой хатдзæгтæ æнæнхъæлæджы цауты фæстиуджытæ иуварсгæнæг системæйы куыстæн. Æмбырдæн разамынд лæвæрдта хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Премьеры ныхæстæм гæсгæ, къабазы кусджыты профессионалон архайдæй аразгæ у адæмы æдасдзинад. Уымæ гæсгæ æппынæдзух хъæуы профессионалон æмвæзад уæлдæр кæнын. Дзуапдæттæг министрады регионалон управленийы разамонæг Александр Хоружий куыд радзырдта, афтæмæй ивгъуыд аз специалисттæ фæтагъд кодтой 36 æнæнхъæлæджы цаумæ, зынгхуыссынгæнджыты æххуыс бахъуыд 1 200 хатты, фæндаггон фыдбылызты рӕстӕг та ирвæзынгæнджытæм фæсидтысты 500 хатты. Сæ æвæстиат æххуысы фæрцы удæгасӕй баззад 400 адæймагæй фылдæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv