Таймазты Артур фембæлд Алагиры районы цæрджытимæ.
Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артур фембæлд Алагиры районы цæрджытимæ. Ныхас кодтой, социалон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм ахсджиаг фарстатыл. Сæ фылдæр баст уыдысты кæлæтдзаг хæдзæрттæй ногтæм раивыныл, куыст ссарыныл æмæ медицинон къабазимæ. Сылгоймæгты волейболон командæ «Алания»-йы тренер Ирина Зайцева бахатыд депутатмæ цæмæй спортментæн баххуыс кæной спортивон дзаумæттæ балхæнынæй. Нæй сæм сæрмагонд транспорт ерыстæм цæуынмæ. Таймазты Артур зæрдæ бавæрдта командæйæн баххуыс кæнын. Уымæй уæлдай ма парти «Иугонд Уæрæсейы» проекты фæлгæты æркаст 2018 азы цалцæггонд объектты уавæрмæ. Сæрмагондæй Дзæуджыхъæуы сæйраг парчы куыстытæм. Проект «Горæты æнцонвадат царды архайды æмæ аивдзинæды» фæлгæты фарон цы хæдзæртты кæртытæ банывыл кодтой уыдоны уавæрмæ дæр æркаст. Алы бирæуæладзыгон хæдзары кæрт дæр хъуамæ уа зылд, аиппытæ сраст кæнын Таймазты Артур бабар кодта бæрнон кусджытæн. Депутаты ныхæстæм гæсгæ ног цалцæггонд кæртыты сывæллæттæн æмæ ныййарджытæн сæ фæллад суадзынæн хъуамæ уа æппæт уавæртæ. Куыстыты хæрзхъæддзинадмæ Таймазты Артур дары уæлдай æргом. Наукон чиныгдоны Паддзахадон думæйы депутат фембæлд уæлдæр æмæ астæуккаг ахуыргæнæндæтты студенттимæ. Олимпаг хъæзтыты æртæ хатты чемпион уæгъдибар хъæбысхæстæй дзуæппытæ лæвæрдта сæ фÆрстытæн. Баст уыдысты политикæимæ, йæ спортивон æнтыстдзнæдтимæ æмæ ма бархионты центры фæсивæдимæ цы куыст кæны, уыимæ. Ахæм хуызы фембæлдтытæ паддзахадон Думæйы депутат нымайы ахсджиагыл. Фембæлды кæронбæттæн Таймазты Артур студенттæн балæвар кодта зæрдылдарæн лæвæрттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Таймазты Артур фембæлд Алагиры районы цæрджытимæ.
Категория:
Новости и СМИ