Ходы Алыксандр хорзæхгонд æрцыд «Ирыстоны намысы» майданæй
Йе `сгуыхтдзинæдты æмæ йе æнтыстджын куысты фæдыл инæлар Ходы Алыксандр хорзæхгонд æрцыд «Ирыстоны намысы» майданæй. Сæрмагонд указ бафыста республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Ходы Алыксандры граждайнаг æмæ æфсæддон службæйы егъау фæлтæрддзинад у зындгонд. Уыд Советон Цæдисы мидхъуыддæгты министрады мидæфсæдты къамандыгæнæг Ази æмæ Казахстаны. Цæгат Ирыстоны Ходы Алыксандр куыста республикæйы æдасдзинады советы секретарæй. Уæдæ къорд азты йæ зонындзинæдтæ не 'вгъау кодта регионы граждайнаг хъахъхъæнынад, æнæнхъæлæджы цаутæ æмæ æрдзон фыдбылызты фæстиуджытæ иуварс кæныны министрæй. Ныртæккæ æхсæнадон архайæг æмæ йе 'вæрæн хæссы æрыгон фæлтæры хъомыладмæ. Абон Ходы Алыксандрыл сæххæст 80-азы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv