Бæрзонд юбилей
Юбилеон стыр акци кæронмæ æрхæццæ ис. Æфсæддон сгæрæн службæйы 100-азы юбилей сбæрæг кодтой дунейы бæрзонддæр къæдзæхмæ схизгæйæ. Цæгат æмæ Хуссар Ирыстон, Кæсæг-Балкъар, Мæскуы, Сочи æмæ Краснодарæй альпинисттæ Уæлахизы тырыса ныффидар кодтой дунейы бæрзонддæр къæдзæхыл. Фыццаджыдæр, 23 февралы, Сырх Æфсады 100-азы юбилейы бон, Цæгат Ирыстоны къæдзæхты сæрæй акастысты, уый фæстæ та бахæццæ сты Европæйы æмæ Кавказы бæрзонддæр бынæттæм – Эльбрус æмæ Хъазыбегмæ. Æмткæй райсгæйæ, ахæм æнтыстдзинæдтæ сæ къухты бафтыд 30-хаттæй фылдæр. Сæ кæронбæттæн балцы ацыдысты Уæрæсейы гæрзифтонг тыхты профессионалон бæрæгбоны. Мадзал арæзт æрцыд Хуссар Ирыстоны сæргълæууæг Бибылты Анатолийы хъæппæрисæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Бæрзонд юбилей
Категория:
Новости и СМИ