Агънаты Ростислав сæрмагонд æфсæддон операцийы равдыста лæгдзинад
Ацы æхсызгон фембæлдмæ мад æмæ фырт бонтæ нымадтой. Маринæйæн йæ зæрдæ æрбауынгæг. А дунейыл цыма дыууæйæ аззадысты, афтæ кæрæдзиуыл ныттыхстысты. Дзуринæгтæ сæм бирæ ис, фæлæ ныййарæг йæ бæлццонмæ нымдзаст, нæ йæ уырны йæ къонайыл кæй сæмбæлд, уый. Уæздан æмæ хуымæтæг. Йæ аууонæй дæр æфсæрмы кæны, зæгъгæ, кæмæй фæзæгъынц, ахæм лæппу. Кæд царды фæлмæн адæймаг у, уæддæр удæй фидар разынд. Равдыста лæгдзинад. Нæ ныууагъта тæссаг уавæры йæ æфсæддон хæлæртты. Тохы быдырæй æдас ранмæ йе 'ккой 8 километры фæхаста йæ цæф æмбæлтты. Алагираг лæппуйы æхсардзинады тыххæй æгас бæстæ дæр базыдтой федералон телеканалты фæрцы. Ростиславы нæ телеканал дæр куы бацагуырдта, уæд нæ разы кодта фембæлыныл. Диссагæй ницы бакодтон, мæ бынаты алчидæр афтæ бакодтаид, зæгъгæ. Знаг нæ фæлæ ма уыцы суткæ боныхъд дæр сæ ныхмæ фæци. Мит æмæ дымгæ нал æнцадысты. Фæлæ æхсарджын лæппутæ сæ размæ æвæрд нысæнттæ сæххæст кодтой. Ацы цаутæ мысын Ростиславæн æнцон нæу. Нæ уарзы йе `фсæддон хъуыддæгтыл дзурын. Фæлæ йын ацы сгуыхтдзинад фыццаг нæу. Знаджы ныббырсты рæстæг сæ сæрмæ ныхмæлæууæджы коптер зилын райдыдта. Ростислав уымæ дæр сарæхст. Уыцы рæстæг иннæ `фсæддонтæ сæ уавæртæ фæхуыздæр кодтой. Минæйы схъис сæмбæлд Ростиславы егъау тугдадзины тæккæ цур. Лæппу та ам дæр йæхи фæхъæддых кодта. Рыстæн фæрæзта. Фæхæццæ йæ кодтой Севастополы дохтыртæм. Скодтой ын операци. Уый фæстæ йæ арвыстой Мæскуымæ. "Алцы дæр хорз у, дæ зæрдæ ма 'хсайæд". Ацы ныхæстæй иу Ростислав йæ мадæн ныфсытæ авæрдта. Цы цаутæ йыл цыд, уыдоны тыххæй ныййарæгæн нæ дзырдта, ауæрста йыл, фæлæ мады зæрдæ зонаг у. Йæ лæппу уæззау цæф фæцис, зæгъгæ, уый куы базыдта, уæд æм Маринæ атагъд кодта Мæскуыйы медицинон центрмæ. Йæ фарсмæ балæууыд йæ куысты разамонæг Хæдарцаты Зауырбег. Нæлгоймаг æппæт хæрдзтæ дæр йæхимæ райста. 24 аздзыд Ростислав царды уæз банкъардта 13 аздзыд лæппуйæ. Уæд баззад æнæ фыдæй. Лæппуйæ лæг рауад. Сывæллæтты хистæр æй æмбæрста, йæ бинонтæ ныр уымæ кæй кæсдзысты, уый. Сидзæр мæгуыр у, фæзæгъынц. Афтæ рауад сæ хъысмæт бирæгъзæнггаг бинонтæн дæр - сæ хæдзар басыгъд. Æрцардысты Алагиры æмдзæрæны. Æмæ ам Ростислав бацыд райдиан скъоламæ дæр. Мæхи Ростик, зæгъгæ. Афтæ Челæхсаты Жаннæ абон дæр хоны йæ раздæры ахуырдзау Ростиславы. Хорз хъуыды кæны цæрдæг, уæздан, зæрдæхæлар æмæ хуымæтæг лæппуйы. Ростислав скъола каст куы фæцис, уæд ацыд æфсадмæ. Службæ кодта Наро-Фоминскы, уый фæстæ бафыста контракт æмæ йæ арвыстой Стъараполы краймæ. Куыста Буденновскы. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайы йæ райдианæй. Ивгъуыд хуыцаубоны сæ хъайтары номыл Агънатæ скодтой æртæ чъирийы. 24 аздзыд Агънаты Ростислав ныридæгæн хорзæхджынгонд æрцыд æхсардзинады 2-æм къæпхæны майданæй. Тагъд рæстæджы ма райсдзæн ноджыдæр иу йæ хъæбатырдзинады тыххæй.