Æрмæстдæр размæ!
Сывæллæтты футболон клуб «Алани-Дзæуджыхъæу» рамбылдта Сочийы ерысты. 23-æм мартъийæ – 1-æм апрелмæ дзы цæуы зындгонд футболист Андрей Канчельскисы номыл турнир. Архайынц дзы 30-ын командæйы Уæрæсейы алы регионтæй. Дзæуджыхъæуккаг футболисттæ финалы фембæлдысты «Черноморец»-имæ æмæ рамбылдтой 4:1 хыгъдимæ. Ацы уæлахыз сын æртыккаг у. Ныридæгæн уал Новороссийскы ерысты рамбылдтой æвзист æмæ бронзæ майдантæ. Турниры ма архайы иу ирыстойнаг командæ – «Фыранк» дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æрмæстдæр размæ!
Категория:
Новости и СМИ