Онкологон низтимæ сабитæн Ног азы агъоммæ бацæттæ кодтой хъæлдзæг равдыст
Фæсивæды къорд, онкологон низтæ цы сабитæм ис, уыдонæн Ног азы бæрæгбоны фæдыл ракодта арфæ. Сывæллæттæн бацæттæ кодтой аргъау Митын Дада æмæ Митæимæ. Лæвæрттæ дæр сын скодтой. Ныййарджыты курдиатмæ гæсгæ сын самал кодтой хъазæнтæ. Уыимæ ма сын сабитæ Ног Азы бæллицтæ дæр раргом кодтой. Зæгъæм, свæллæттæй иуы стырдæр бæллиц фембæлын спортсмен Хабиб Нурмагомедовимæ. Бæллиц сæххæст кæныныл фæсивæды къорд бацархайдзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Онкологон низтимæ сабитæн Ног азы агъоммæ бацæттæ кодтой хъæлдзæг равдыст
Категория:
Новости и СМИ