Фæндæгты цалцæджы рæстæг 2022 азы æргом здахдзысты цæрджыты курдиæттæм дæр
Фæндæгты цалцæджы рæстæг æргом здахдзысты адæмы курдиæттæм. Курдиæттæ бахастой «Пырх фæндæгты картæмæ» æмæ сæ баххæссын хъæудзæн фæндæгты арæзтады 2022 азы планмӕ. Проект аразджытæ сты Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ. Афтæмæй фидæны аз рацараздзысты фæндæгты 56 мин км фылдæр. Уыдонæй 33 мин км «Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгты» программæйы фæлгæты. 6 объекттæм æргом аздахын курдиæттæ балæвæрдтой бынæттон хиуынаффæйады кусджытæ æмæ хуымæтæг цæрджытæ. 2022 азы ма фæнд кæнынц 4 хиды сног кæнын. Сты заууат кæнæ кæлæддзаг уавæры. 2017 азæй фæстæмæ æппæтуæрæсеон адæмон фронтмæ цæрджытæй æрбацыд 228 курдиаты. Уыдонæй 42 объекты ныридæгæн банывыл кодтой. 4 объекты фæнд кæнынц æмбæлгæ уавæрмæ æркæнын хæстæгдæр дыууæ азмæ. Ноджы 11 объекты документацитыл та хъæуы нырма бакусын. Уый тыххæй хъусын кæны фæндаггон инфраструктурæ æмæ транспорты хæдзарады разамонæг Солиты Тариэль. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv