Беслæны маисон комбинаты раздæры генералон директоры азымгæнды кæронбæттæн снысан кодтой

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

Цæгат Ирыстоны прокуратурæ сфидар кодта Беслæны маисон комбинаты раздæры генералон директоры ныхмæ арæзт уголовон хъуыддагмæ гæсгæ азымгæнды кæронбæттæн. Аххосджын æй кæнынц Уæрæсейы уголовон кодексы 196-æм уацмæ гæсгæ. Ома куыстуат барæй банкроты уавæрмæ кæй æртардта, уый фæдыл. Стæй 160 уацы 3-аг хаймæ гæсгæ. Слестгæнджыты хъуыдымæ гæсгæ, комбинаты генералон директор иста милуанты бæрц кредиттæ. Кредиты ныхмæ цъынды лæвæрдта комбинаты мулк æмæ исбонад. Дарддæр, финансон пирамидæйы хуызы, цалдæр сæрмагонд бадзырды бафыста. Бадзырды уавæртæ, цы куыстуаты сæргъы лæууыди, уымæн пайдайаг нæ уыдысты. Æппынфæстаг акционерон æхсæнады бон нал сси кредитортæн æмбæлгæ фæрæзтæ бафидын. Уымæ гæсгæ кредиты ныхмæ æрцагуырдæуыд, йæ аргъ 800 милуан сомæй фылдæр кæмæн у, уыцы цъынды лæвæрд мулк æмæ исбонад. Кæд раздæр Беслæны комбинат йæ продукцийы бæрцмæ гæсгæ Европæйы дыккагыл нымад уыд, уæд 2011 азы декабры йæ банымадтой банкротыл. Комбинат йæ куыст нал кодта. Уголовон хъуыддаг Цæгат Ирыстоны Рахизфарсы тæрхондонмæ арвыстой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Беслæны маисон комбинаты раздæры генералон директоры азымгæнды кæронбæттæн снысан кодтой

Категория:

Новости и СМИ