Нæ фыдæлты аив кæфтытæ æмæ зарджытæ азæлыдысты абон прогимнази «Интеллект»-ы
Нæ фыдæлты аив кæфтытæ æмæ зарджытæ азæлыдысты абон прогимнази «Интеллект»-ы. «Пир нартов», зæгъгæ равдыст бацæттæ кодтой гимназы хъомылгæнинæгтæ. Мадзал аразджытæ куыд бафиппайдтой, афтæмæй ахæм мадзæлттæ сывæллæтты хъомыладæн сты хъæугæ æмæ ахадгæ. Хъуамæ Нарты кад æмæ намыс кæстæртæ ма ферох кæной. Зæгъдзыстæм ма уый, мадзал сарæзтой дыккаг хатт. Уымæй уæлдай ма йæ фæнд кæнынц æрвылазон скæнын. Равдыст сывæллæтты æмæ уазджыты зæрдæмæ тынг фæцыд. Ныййарджыты ныхæстæм гæсгæ, ахæм хуызы сæ сабитæ хуыздæр базондзысты сæ истори æмæ сæрыстыр уыдзысты сæ рагфыдæлты цардæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Нæ фыдæлты аив кæфтытæ æмæ зарджытæ азæлыдысты абон прогимнази «Интеллект»-ы
Категория:
Новости и СМИ