Дзæуджыхъæуы ацыд регионалон ахуырдон форум «Академия добра»
«Академия добра», зæгъгæ, регионалон ахуырадон форум ацыд Дзæуджыхъæуы. Архайдтой дзы 80 æрыгон активисты æмæ æнæкоммерцион организациты минæвæрттæ. 4 боны дæргъы сæ зонгæ кодтой бархионты змæлды архайдимæ. Фæсивæдæн сарæзтой социалон проекттæ æххæст кæнынæн дæсныйадæвдисæн ахуыртæ. Уымæй уæлдай ма сын равдыстой, æнæнхъæлæджы уавæрты хи куыд дарын хъæуы æмæ фыццаг медицинон æххуыс раст бакæнын хъӕуы, уый. Форум аразджытæ — фæсивæды хъуыддæгты фæдыл республикон комитет. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv