«Зондджын» сигнализаци
Абон æгас дунейы дæр бæрæг кæнынц цымыдисаг дзаумæттæ чи æрхъуыды кæны, ахæм сывæллæтты бон. Кæд хæрз æрыгон сты, уæддæр ахæм проекттæ саразынц, æмæ бирæ хистæртæн сæ сæрмæ дæр не 'рцæудзæн. Æрвылаз 500 мин сывæллонæй фылдæр æрхъуыды кæнынц алыхуызон прибортæ æмæ техникон фæрæзтæ. Цæгат Ирыстоны дæр курдиатджын сывæллæттæ бирæ ис. Се `хсæн 14-аздзыд Фидараты Герман. Уый алы бон дæр кусы йæ проекттыл. Фæнды йæ адæймаджы цард æнцондæр æмæ æдасдæр скæнын. Бæлвырддæр уын радзурдзæн нæ уацхæссæг. Цалынмæ йе `мгæр лæппутæ cæхи ирхæфсынц уæдмæ 14-аздзыд Фидараты Гермæн архайы йæ ног проектыл. Хæрз чысылæй бамбæрста, робототехникæимæ йæ йæ фидæн сбæттын кæй фæнды,уый. Афæдз размæ æрымысыд «зондджын» сигнализаци. Ныртæккæ ууыл кусы. Æхсæнадæн æй фæндыд исты хорз хъуыддаг скæнын. Йæ бакастæй прибор стыр нæу. Фæлæ арæзт у бирæ гыццыл æмæ вазыгджын хæйттæй. Уыдонæй иу дæр куы асæтта, уæд сигнализацийы куыст фæкъуылымпы уыдзæн. Гермæн йæ гæрз куысты мидæг дæр бафæлвæрдта. Ссардта шофырты дæр, кæцыты бафæндыд сигнализаци йæ хæдтулгæйыл сæвæрын. Æрыгон ахуыргонд йæ фидæн бæтты ног проектты арæзтатдимæ. Бизнесы бацархайынмæ дæр йæ хъуыдытæ цæттæ сты. Хъæуы ма йæ æрмæст йæхи хуызæн æрыгон программистты къорд ссарын. Биджелты Бертæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Зондджын» сигнализаци
Категория:
Новости и СМИ