Болгарийы ацæудзæн Цæгат Кавказы къуыри
Болгарийы ацæудзæн Цæгат Кавказы къуыри. 9-æй 16-æм сентябры онг Болгарийы фонд «Посети Кавказ», зæгъгæ, Уæрæсе Кавказы министрад æмæ регионты хицауадты æххуысæй сараздзæн фестиваль «Неделя Северного Кавказа». Сау денджызы былгæрæтты 7 боны дæргъы цæудзæн культурон æмæ туристон гæнæнты презентаци. Арæзт æрцæудзæн куыд уазджытæн, афтæ республикæйы цæрджытæн дæр. Программæмæ бахæсдзысты цалдæр мадзалы: Уæрæсейаг-Болгайраг туристон инвестицион форум, Цæгат Кавказы регионты ансамбльты фестиваль, амалхъом къабазы-сесситæ æмæ адæмон сфæлдыстадон дæсныты куыстыты равдыст. Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министры фыццаг хæдивæг Одес Байсултановы ныхæстæм гæсгæ, ахæм мадзæлттæ сты паддзахадон политикæйы æнæмæнг хай. Куыд бафиппайдта, афтæмæй хуыздæр кæнынц регионты ‘хсæн ахастдзинæдтæ, уыимæ экономикон æмгуыстады фарста размæ цæуы. Фестиваль фæхуыздæр кæндзæн амалхъомдзинады æмæ культурæйы къабазтæ. Уыимæ ма Болгарийы цæрджытæ базонгæ уыдзысты Цæгат Кавказаг регионты культурæ æмæ традицитимæ. Фонд «Посети Кавказ»-ы генералон директор Станислав Аристовы ныхæстæм гæсгæ, сæйрагдæр у туристты нымæц регионты фæфылдæр кæнын.«Алы регионтæм хъуамæ хæццæ кæна æмбæлгæ туристты нымæц. Уый та ис бакæнæн хъæугæ уавæртæ саразгæйæ», загъта Станислав Аристов. Фæнысан ма кæндзыстæм уый, æмæ УФ-йы æмæ Болгарийы хицауады сæрдартæ Дмитрий Медведев æмæ Бойко Борисов архайдтой туризмы къабазы Уæрæсейаг-Болгайраг бизнес-форумы, кæцы арæзт æрцыд горæт Софияйы, 5 мартъийы. Йæ хатдзæгтæм гæсгæ бафыстой ног программæ. Уымæ гæсгæ 2019-2021 азты УФ-йы экономикон райрæзты министрад æмæ Болгарийы туризмы министрад кæндзысты æмгуыст . _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Болгарийы ацæудзæн Цæгат Кавказы къуыри
Категория:
Новости и СМИ