Дзæуджыхъæуы æрцыд дыууæ фæндаггон фыдбылызы
Дзæуджыхъæуы боны 12 сахатмæ ввахс фæндаггон фыдбылызы аххосæй хæдтулгæ фæфæлдæхт. Дыууæ уæрæсеаг рог хæдтулгæйы кæрæдзи сцавтой. Уый тыххæй хъусын кæны Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады пресс-службæ. Лада Калинæ хæдтулгæйы шофыр Калоты Зауырбеджы номыл уынгыл цæугæйæ фæндаг нæ радта ВАЗ-2110 шофырæн. Транспортон цауы хыгъдæрд ничи баййафта. Ацы фыдбылызæй сахаты фæстæ Тамайы фырты номыл уынджы кæрæдзийы сцавтой уæрæсейаг хæдтулгæ æмæ маршруткæ. «Газель»-ы фыдбылызы рæстæг бæлццæттæ нæ уыд. Хъыгдæрд дзы ничи баййæфта. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы æрцыд дыууæ фæндаггон фыдбылызы
Категория:
Новости и СМИ