Аххосаг сбæрæг
Завод Электроцинчы цы зынгсирвæзт æрцыд 21 октябры, уый аххосæгтæ рабæрæг сты. Сæрмагонд къамисы хатдзæгмæ гæсгæ, куыстуаты цехыл зынг барæй бафтыдтой. Абон завод "Электроцинчы" генералон директор Игорь Ходыко уыцы хабары фæдыл загъта йæ хъуыдытæ. Заводы дарддæры куысты тыххæй сæрмагонд къамисæн абон уыд ацы азы фыццаг æмбырд. Разамынд ын лæвæрдта хицауады сæрдары хæдивæг Фадзайты Æхсарбег. Слестгæнæн мадзæлттæ куыд цæуынц, уый тыххæй бæлвырддæр æрдзырдта Слестгæнæн къамисы 2-аг хайады разамонæг Дзодзиаты Тамерлан. Йæ ныхæстæм гæсгæ, бафарстой 600 æвдисæны æмæ æркастысты 60 тæрхондоны экспертизæтæм. Куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй зынгсирвæзт техникон аххосæгты тыххæй нæ, фæлæ барæй сарæзтой. Куыд ма загъта, афтæмæй слестгæнæн мадзæлттæ дарддæр цæудзысты, цæмæй базоной, чи æмæ цæмæ бакодта афтæ, уый. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, завод Электроцинчы зынгсирвæзт æрцыд фарон аз, октябры. Арты уацары бахауд бæстыхайы 4 мин квадратон метрæй фылдæр. Йæ ахуыссын кæныны рæстæг дзы фæмард 1 ирвæзынгæнæг, ноджы ма 2-йæ хъыгдард баййæфтой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Аххосаг сбæрæг
Категория:
Новости и СМИ