Хуыздæрты' хсæн
Компаниты къорд «Бавария»-йы продукци хуыздæрыл банымадтой Мæскуйы. Радысты куыстуат архайдта фыццаг хатт. Схорзæхджын сæ кодтой сыгъзæрин майдан æмæ фыццаг къæпхæны дипломæй. Равдыст арæзт æрцыд æркаст "Уæрæсейы Сæйраг Бæгæны 2019"-ы фæлгæты. Мадзалы архайдтой 304 раззагдæр компанийы. Жюрийы уæнгтæ уыдысты 114 дунейы хуыздæр эксперты. Фæнысан ма кæндзыстæм уый æмæ конкурс дыккаг хатт кæй сарæзтой, Мæскуыйы паддзахадон хойрæгты кондады университеты. "Бавария"-йы сæйраг технолог Цхуырбаты Азæмæты ныхæстæм гæсгæ, ацы уæлахиз у хорз хъуыддаг, разæнгард сæ кæны фидæны ныфсджын æмæ æнтысджын къахдзæвтæ кæнынмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуыздæрты' хсæн
Категория:
Новости и СМИ