Ихтауæджы бон
Ихы сконд æмæ йæ хуызтæ Павел Молоканов иттæг хорз зоны. Æмæ йæм кæд хъæугæ ифтонггæрзтæ ис, уæддæр цас рухсдзыд æмæ фæтæн у их, уый дæсны иу бакастæй дæр сбæрæг кæны. Ихтауæджы дæсныйад æнцон нæу. Ацы куысты хæдархайгæ мигæнæнтæй, зæгъæн ис, æмæ нæ пайда кæнынц. Зæгъæм, уæлдай дон акалын, кæрæттæ алыг кæнын æмæ бæрæггæнæн нысæнттæ сæвæрын – алцыдæр къухæй. Фæлæ йæ дæсныйад чи уарзы, уый йын йæ зындзинæдтæй нæ тæрсы. Куыст ам, æцæг, фагæй фылдæр ис. Бон райдайы ихы комбайнмæ æркæсынæй, æппæт дæр фаг кæны, æви нæ. Дарддæр дзы тæвд дон ныккæн æмæ фæз цæттæ кæнын райдай. Иуфарсæй кæсгæйæ афтæ зыны, зæгъгæ, сбадтæ æмæ разил-базил кæныс, фæлæ уый афтæ нæу. Павел фæд-фæдыл æнæкъуылымпыйæ саразы дæсгай хæсы. Уый тыххæй ацы бынатмæ кусæг æвзарынц бæстонæй. Зымæгон æнкъарæнты фæдыл ардæм æрбацæуæн ис сæрды дæр. Ихын фæз æрвылбон цæттæ кæнынц дæсны кусджытæ. Сæ фæнд у – нырыккон æмæ æнцонвадат уавæртæ скæнын спортсментæн. Æмæ, тренерты ныхасмæ гæсгæ, уый сæ къухы æфты. Их сæлын нæ кæнынц, фæлæ фыцгæ. Чи йæ цæттæ кæны, уый ихфыцæг хонынц. Абон ацы дæсныйады минæвæрттæн у сæ профессионалон бæрæгбон. 16 январь у америкаг инженер Фрэнк Замбонийы райгуырды бон. Ихын фæзыл кусæн машинæ уый æрхъуыды кодта. Уымæй размæ йæ цæттæ кодтой къухæй.