Цæгат Ирыстоны боксæй архайынц спортсментæ Китайæ
Цæгат Ирыстонмæ ссыдысты 13 боксеры Китайæ. Нæ республикæйы сты дыккаг хатт. Сæхи ерыстæм цæттæ кæнынц зындгонд тренер Сланты Виталийы разамындæй. Спортсментæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй фарон аз куы уыдысты Ирыстоны, уæд афтæ хорз бакуыстой сæхиуыл, æмæ рамбылдтой 4 сыгъзæрин майданы алыхуызон национ чемпионатты. Ныр дæр сæ уырны, сæ уæлахизтæ та разæй кæй сты, уый. Китайаг спортсментимæ фембæлдысты ме`мкусджытæ, дæттын сын ныхасы бар. Хы Дзюндзюн у 2019 азы Китайы адæмон республикæйы чемпион боксæй. Куыд зæгъы, афтæмæй турниры рамбылдта, Цæгат Ирыстоны йæ афтæ иттæг хорз кæй бацæттæ кодтой, уый тыххæй. Фарон тренировкæтæ кæнын райдыдта не`мзæххон, тренер Сланты Виталимæ. Китайаг спортсмены ныхæстæм гæсгæ, кæд æвзаг бынтон хорз нæ зоны, уæддæр хиуыл бакуысынæн, уый никуыд бæрæг дары. Æххуыс ын кæны тæлмацгæнæнг. Ирыстоны уæлдæф æмæ æрдз та уазæджы зæрдæ бынтон балхæдта. Тренерæй уæлдай ма йын æххуыс кæнынц цæгат ирыстойнаг боксертæ дæр. Хы Дзюндзюн, Китайы адæмон республикайы чемпион боксæй: «Фидæны мæм æнхъæлмæ кæсы Китайы цы æппæтадæмон турнир цæудзæн, уыцы ерыстæ. Уый фæстæ Китайы кубок рамбулыны чемпионат. Адæймаг иу гыццыл тыхсы. Уымæн æмæ йæ хатдзæгтæм гæсгæ бæрæг уыдзæн фидæны олимпиадæмæ чи абалц кæндзæн, уый». Ай та у Чанг Йонг. Нæ республикæмæ ссыд фыццаг хатт. Ахæм фадат йæ къухтæ ауадзын æй æппындæр нæ фæндыд. Бирæ хатт рамбылдта егъау спортивон ерысты. Спортсмен уыд хуыздæрты хсæн 2017 æмæ 2019 азты. Фæлæ йæ сæйраг бæллиц у Олимпиадæйы бацархайын. Чанг Йонг, Китайы адæмон республикайы чемпион боксæй: «Мæ сæйрагдæр бæллиц- Олимпиадæ, кæй зæгъын æй хъæуы. Сланты Виталий сын ратты бирæ ног зонындзинæдтæ. Мæ зæрдæ дарын, мæ спортивон цæттæдзинады æмвæзад кæй фæхуыздæр кæндзынæн». Спортсменты нæ республикæмæ æрбахуыдта Китайы адæмон республикæйы сгуыхт тренер Лю Янгхай. Фарон спортсментæ уыдысты æртæйæ, ныр та 13. Сæхи æнтыстджынæй равдыстой сæ райгуырæн бæстæйы. Цæгат Ирыстоны фæстæ нæ спортсментæ Китайы цы ерыстæ уыди, уым рамбылдта 4 сыгъзæрин майданы. Уыдис ма æвзист æмæ бронзæ майдантæ дæр. Фарон дæр æй зыдтам, Сланты Виталимæ кæй ацæудзысты . Ам бакусынц сæхиуыл, алыхуызон приемтæ ахуыр кæнгæйæ. Сланты Виталий Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ зæрдæ райы, æппæт дунейы - боксы ирон скъолайæн стыр кад кæй кæнынц. Ныртæккæ йæм тренировкæтæ кæнынц алы бæстæтæй спортсментæ. Канд Китайæ нæ, фæлæ ма Кубæ æмæ Туркæй дæр. Сæйрагдæр у, сæ фæлтæрддзинад кæрæдзийæн кæй не`вгъау кæнынц, уый. Сланты Виталий, РЦИ-Аланийы сгуыхт тренер: «Кæд нæм алыхуызон бæстæтæй спортсментæ цæуынц сæ цæттæдзинад фæхуыздæр кæнынмæ, уæд уый хорз куыннæ хъуамæ уа. Уый нысан кæны нæ боксы скъола зынгæ фидардæр кæй у. Зæрдæргъæвдæй сæ райсæм. Кусæм семæ. Цæгатирыстойнаг спортсментæ дæр уæдæ хуыздæр кæнынц сæ цæттæдзинад семæ. Ирыстоны боксæн уый кæй зæгъын æй хъæуы ахсджиаг у». Тренерты æмæ боксерты ныхæстæм гæсгæ ахæм тренировкæтæ пайда уыдзысты алкæмæн дæр. Ахæм традици æххæст кæндзысты дарддæр дæр. Фидæны та ацы фæсарæйнаг боксертæм æнхъæлмæ кæсынц бирæ ахсджиаг ерыстæ. Спорты бæрзæндтæм куыд тырной, афтæ сæ сæрыстыр уыдзысты куыд Китайы, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны боксæй архайынц спортсментæ Китайæ
Категория:
Новости и СМИ