Гаглойты Иосифан лæвæрд æрцыд республикæйы паддзахадон хæрзиуæг – майдан «Ирыстоны намысы»
Гаглойты Иосифан лæвæрд æрцыд республикæйы паддзахадон хæрзиуæг – майдан «Ирыстоны намысы»
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло «Ирыстоны намысы» майданæй схорзæхджын кодта Запорожьейы облæсты тæрхондоны департаменты Управленийы тæрхондæтты архайды барадон фæтк хъахъхъæнæн хайады хицау Гаглойты Иосифы. Уый паддзахадон хæрзиуæджы аккаг сси сæрмагонд къорды архайгæйæ йæхи æхсарджынæй равдыста æфсæддон хæс æххæст кæнгæйæ. Республикæйы разамонæг Гаглойты Иосифæн арфæ ракодта кадджын лæвары фæдыл. Йæ зæрдæ йын зæгъы, дарддæр дæр йæ куысты æнтыстджын куыд уа, æнæниз æмæ амондджын.