Дины æхсæнадты æмгуыстады советы Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы цур фыццаг æмбырд уыд Дзæуджыхъæуы
Цæгат Ирыстон у æмæ уыд, алы æдæмтæ æмæ конфесситы 'хсæн хорз ахастдзинæдтæ кæм ис, ахæм республикæ. Уый фæнысан кодта Битарты Вячеслав дины æхсæнадты æмгуыстады Советы Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы цур фыццаг æмбырды. Ахсджиаг фарстатыл æрныхас кодтой нæ республикæйы национ ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министр Цуциты Аслан, ахуырад æмæ наукæйы министр Людмилæ Башаринæ, культурæйы министрады разамонæг Къубалты Эльбрус, Æхсæнадон палатæйы сæрдар Нина Чиплакова, Иры Стыр Ныхасы сæрдар Кучиты Руслан, Дзæуджыхъæуккаг æмæ алайнаг алчыр Леонид, стæй пысылмæтты разамынды сæрдар Гуæцæлты Хадзымурат. Æмбырды райдиан сæм фæсидт Битарты Вячеслав æмæ фæнысан кодта, цæмæ фæзынд ахæм совет, уый. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, республикæйы хицауад æмæ дины минæвæрттæ хъуамæ иумæ æнгом куыст кæной, уæлдайдæр нацитæ æмæ дины ’хсæн ахастдзинæдты быцæутæ куы фæзыны, уæд. Æмбырды архайджытæм фæсидт Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг Алчыр Леонид. Йæ ныхæстæм гæсгæ, мæнг информаци чи парахат кæны, уыдоны хъуамæ закъоны бындурыл æфхæрой. Æппæт уыцы æууæлтæ хынцгæйæ, Цæгат Ирыстоны муфтий Гуæцæлты Хадзымурат æрдзырдта, фæсивæды хъомыладмæ уæлдай цæст æрдарын кæй хъæуы, уый. Æппæтадæмон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдар Кучиты Руслан куыд радзырдта, афтæмæй ныртæккæ фæсивæд се'ргом здахынц конфесситы цы хицæндзытæ фæзыны, уымæ. Æмбырды архайджытæ æрцыдысты иу хъуыдымæ, ома дины æхсæнадты æмгуыстады советы Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы цур æмбырдтытæ æдзухдæр кæй араздзысты. Уый руаджы хорз фадат фæуыдзæн паддзахадон оргæнтæ æмæ дины кусджытæн æмархайд кæнынæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дины æхсæнадты æмгуыстады советы Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы цур фыццаг æмбырд уыд Дзæуджыхъæуы
Категория:
Новости и СМИ