Цæгат Ирыстон радон хатт гумманитарон æххуыс арвыста сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн
Цæгат Ирыстон радон хатт гумманитарон æххуыс арвыста сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн. Куадзæны бæрæгбоны агъоммæ нæ хæстонтæм фæхæццæ кодтой медицинон хостæ, квадрокоптертæ, радиойы фæрæзтæ, уæлæдарæс, аргъуыд дон, чъиритæ, бæрæгбоны æйчытæ, адджын гуылтæ. Рухс бæрæгбоны фæдыл арфæтæ райстой сывæллæтты фыстæджыты. Гумманитарон уæз сæмбырд кодтой Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархийы, сывæллæтты рæвдауæндæтты, скъолаты, коммерцион организациты æмæ бархионты æххуыссæй.