Битарты Вячеслав фембæлд Мæздæджы цæрджытимæ
Битарты Вячеслав ма Мæздæджы байхъуыста адæмы фарстатæм дæр. Сæ аиуварсгæнинаг хъуыддæгтимæ сæргълæууæгмæ æрбацыдысты 18 адæймаджы. Раздольное хъуы цæрæг хъаст кæны хъæуы сæйраг уынджы фæндаджы уавæрæй. Куыд зæгъы, афтæмæй æхсæнадон транспорт цы уынгыл цæуы, уый цалцæггонд уыд 20 азы размæ. Фæндæгты уавæрæй ма разы не сты Терская станицæйы цæрджытæ дæр. Битарты Вячеслав ацы хъуыддаг бабар кодта фæндæгты хæдзарады комитеты сæрдар Солиты Тариэлæн. Цæрджытæ ма хъаст кодтой хъæуты сывæллæттæн хъазынæн фæзтæ кæй нæй, уымæй дæр. Ацы фарста аиуварс кæндзысты фидæны аз. Битраты Вячеславмæ ма æххуыс агур æрбацыд Садовыйы поселоччы цæрæг. Сылгоймаг у фыццаг къæпхæны инвалид. Бахауд царды æвзæр уавæрты. Куры цæмæй комуналлон лæггæдтæ тыххæй цы хæс дары, уыдон аиуварс кæнынмæ ын баххуыс кæной. Битарты Вячеслав ын зæрдæ бавæрдта, бинонты хæс кæй бафидзсты, уыимæ ма дæрддæр низимæ тох кæнынмæ ын бакæндзысты материалон æххуыс дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Битарты Вячеслав фембæлд Мæздæджы цæрджытимæ
Категория:
Новости и СМИ