РЦИ-Аланийы экономикон райрæзты фарстаты фæдыл Сергей Меняйлойы амындæй ацыд оперативон штабы æмбырд

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 просмотров

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 просмотров

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 просмотров

4 года назад

Нысангонд санкциты уавæрты чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомадæн æххуысыл ныхас цыд оперативон штабы æмбырды. Сергей Меняйло куыд фæнысан кодта, афтæмæй ныртæккæ æппæт социалон нысæнттæ æххæст кæнын у ахсджиаг. Уæлдайдæр та — инфраструктурæйы арæзтад æмæ объектты цалцæг. Сæргълæууæг Цæгат Ирыстоны хицауад æмæ бæрнон ведомствæтæн бабар кодта, æнæмæнг хъæугæ хостæ æмæ социалон нысаниуæгимæ товарты æргътæм æркæсын. Республикæйы экономикон райрæзты министр Кучиты Зауыры ныхæстæм гæсгæ, пайдагæнджытæ арæхдæр æлхæнынц сæкæр, ссад, цæхх, зети æмæ æндæр хойрæгтæ. Дзуапдæттæг министр куыд фæнысан кодта, афтæмæй фæцæрынæн хъæугæ хойрæгтæй республикæ цух кæй не 'ййафы. Сергей Меняйло бабар кодта, бакусын дзулы аргъ схизын ма руадзыны мадзæлттыл дæр. Кучиты Зауыры ныхæстæм гæсгæ, ведомствæйы минæвæрттæ аргъ æруромыныл дзурынц æввонгæнджытимæ. Уæлдай æргом здæхт цæуы чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомадмæ. Республикæйы æххæстгонд цæуынц куыд федералон, афтæ регионалон æххуысы мадзæлттæ дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv