Республикæйы муниципалон скондты социалон-экономикон райрæзты фарстатыл ныхас цыд сæрмагонд æмбырды

Республикæйы муниципалон скондты социалон-экономикон райрæзты фарстатыл ныхас цыд Сергей Меняйлойы разамындимæ сæрмагонд æмбырды. Регионы разамонæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй республикон æмæ муниципалон хицауы уæнгтæ хъуамæ архайой иумæйагæй. Сæйрагдæр у районты социалон политикæ фидар кæнын, муниципалитетты гæнæнтæ уæрæхдæр кæнын æмæ инфраструктурæ парахат кæнын. Æмбырды муниципалон сконды разамонджытæ радзырдтой территориты уавæртæ æмæ райрæзты пълæнтты тыххæй. Афтæмæй, Дзæуджыхъæуы куыст цæуы 14 муниципалон программæмæ гæсгæ. Баст сты горæты санитарон уавæр, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад, фæндæгты арæзтад æмæ æндæр фарстатимæ. Ацы аз горæты саив кæндзысты 19 æхсæнадон зонæйы. Куыстыты аргъ 134,8 млн сомы. Кировы районы сæргълæууæг Нæкуысаты Барис куыд фехъусын кодта, афтæмæй Елхоты фыццæгæм скъола заууат уавæры ис. Йæ бæсты саразынвæнд кæнынц ног скъола. Сергей Меняйло дзуапдæттæг министрадæн бабар кодта фарстамæ æркæсын. Мæздæджы районы размæ сæргълæууæг сæвæрдта хæс Хурыхъæуы доны фарста аиуварс кæнын. Сергей Меняйло ма æрфарста, Беслæны райрæзты генералон пълан куыд æххæстгонд цæуы, уымӕй. Фрайты Сослан куыд радзырдта, афтæмæй æппæт мадзæлттæ дæр цæуынц нысангонд фæткмæ гæсгæ. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарадæн бабар кодтой афоныл фæззыгон-зымæгон рæстæгмæ цæттæ уæвын. Уæлдайдæр та республикæйы социалон объекттæ.

Иконка канала IRYSTONTV
1 504 подписчика
12+
35 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии