Интервью Цæллагты Зауырбегимæ
Абон æгас дунейы бæрæг кæнынц бархионты бон. Уæрæсейы бæрæгбон официалон æгъдауæй фидаргонд æрцыд 2017 азы. Кæд ацы бæрæгбон уæрæсейæгтæн хæрзæрыгон у, уæддæр бархионты истори у рагон æмæ бирæвæрсыг. Цæгат Ирыстоны ныртæккæ ис 20 мин бархионæй фылдæр, Æрыгом армионты æмæ Уæрæсейы ахуырдзауты змæлд куы нымайæм, уæд. Бæрæгбоны фæлгæты Сочийы ис бархионты æппæтадæмон форум. Уырдæм æрбамбырд сты 6 мин бархионæй фылдæр æгас Уæрæсе æмæ ма суанг 120 фæсарæйнаг бæстæйæ. Бабæрæг æй кодта Уæрæсейы президент Владимир Путин дæр. Нæ республикæйæ дзы ис делегаци 20 адæймагæй. Уыдон сты бархион организациты хуыздæр минæвæрттæ. Уæлахиздзаутæ сæ бынæттæм æмæ проектты ахадындзинадмæ гæсгæ райсдзысты зæрдылдарæн лæвæрттæ æмæ æхцайы фæрæзтæ. Абон форум йæ куыст фæуыдзæн. Уый æмæ æндæр ахæм мадзæлтты ахадындзинады, стæй нæ республикæйы бархионты змæлды тыххæй æрдзурдзыстæм нæ абоны уазæгимæ. Нæ студимæ æрбахуыдтам Цæгат Ирыстоны культурæйы бархионты разамонæг Цæллагты Зауырбеджы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Интервью Цæллагты Зауырбегимæ
Категория:
Новости и СМИ