Паддзахады æфсæддонтæ акæсдзысты Европæйы бæрзонддæр хохы сæрæй
Фондз паддзахады æфсæддонтæ акæсдзысты Европæйы бæрзонддæр хохы сæрты. Мадзал сараздзысты «Эльбрусское кольцо» кæронбæттæн къæпхæны фæлгæты. Кавказы бæрзонддæр къæдзæхы цуппмæ схиздзысты Уæрæсе, Инди, Марокко, Казахстан æмæ Узбекистаны æфсæддонтæ. Ерысты архайджытæ - гæрзифтонг тыхыты дæлхайæдтæй бæрзæндыл хæслæвæрддтæ чи æххæст кæны, уыдон. Æдæппæтæй 60 адæймагæй фылдæр. 5642 метры бæрзæндмæ схиздзысты дыууæ боны æмгъуыдмæ. Фистæгæй ацæудзысты 20 километрæй фылдæр. Балцы рæстæг æфсæддонтæй сæрæндæр æмæ цырд дæр чи разына уыдонæн снысан кæндзысты 1000 баллы. Хæслæвæрдыл чи нæ фæтых уа, уыдоны та кæндзысты ивар. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм турнир сарæзтой Æппæтадæмон æфсæддон ерыстæ Арми-2019-ы фæлгæты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Паддзахады æфсæддонтæ акæсдзысты Европæйы бæрзонддæр хохы сæрæй
Категория:
Новости и СМИ