Дзæуджыхъæуы йе` нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыцы цæрджытæн æвæрынц кæнынц пандустæ
Дзæуджыхъæуы программæ «Доступная среда»-йы фæлгæты йе`нæнæниздзинад кæмæн фæцудыдта, уыдонæн райдыдтой æвæрын сæрмагонд пандустæ. Ныридæгæн уал æвæрд æрцыдысты Московскæйы æмæ Весеннæйы уынгты. Бирæуæладзыгон хæдзæртты цæрджыты рагæй тыхстысты ацы фарстайы фæдыл. Голлоты Мананæ йæ фыдимæ ацы бирæуæладзыгон хæдзары цæры 7 азы дæргъы. Йæ фыдыл цæуы 94 азы. Йæ æнæниздзинад кæй фæцудыдта, уымæ гæсгæ йæ къæхтыл хорз нæ цæуы. Уый фæдыл ын йæ бинонтæ балхæдтой коляскæ. Фæлæ хæдзары панудустæ нæ уыд, æмæ йын зын уыди æддæмæ рацæуын. Æрæджы хъуыддаг фæхуыздæр. Дзæуджыхъæуы программæ «Доступная среда»-йы фæлгæты бирæуæладзыгон хæдзæртты цæрджытæн райдыдтой æвæрын сæрмагонд пандустæ. «Мах июлы нæ курдиат балæвæрдтам нæ республикæйы администрацимæ. Уыдон нын æм æркастысты, сарæзтой сметæ. Æнхъæлмæ касын нæ бирæ нæ бахъуыд, афæдзы кæронмæ пандус цæттæ уыди. Мах арæх нæ тыхсын кæнæм хицауады. Фæлæ нын ацы хатт æндæр гæнæн нæ уыд. Бузныг се 'ппæтæн дæр», - Дзæуджыхъæуы цæрæг Голлоты Мананæ. Дзампаты Ингæ та цæры Московскæйы уынджы. Цæмæй сын сæ хæдзары пандус сæвæрой, уый тыххæй иу æмæ дыууæ хатты нæ бацыд хицауадмæ. Куыд нын радзырдта, афтæмæй 6 азы дæргъы дзырдта ацы фарстайы фæдыл. «Нæ уæ бауырндзæн, фæлæ ныртæккæ мæ чызг фыццаг хатт æддæмæ рацыд. Нæ хæдзары пандус кæй нæ уыд, уый тыххæй нæ бон уынгмæ рацæуын дæр нæ уыд. Ацы хъуыддаджы нын æрæджы баххуыс кодта иу хорз адæймаг. Нæ уавæр нын хорз бамбæрста. Куы йæ федтаиккат, цы цин кодта мæ чызг, уый. Бузныг стæм администраци æмæ нæ хæрзгæнæгæй», - Дзæуджыхъæуы Московскийы уынджы цæрæг Дзампаты Ингæ. Ныртæккæ Цæгат Ирыстоны йе ’нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыдон сты 72 мин адæймагæй фылдæр. Уыдоны 'хсæн æртæ мин сывæллоны. Ныры онг баххуыс кодтой Московскæйы æмæ Весеннæйы уынгты цы адæм цæры, уыдонæн. Æппæт ацы цæрджытæ сæ курдиæттимæ бацыдысты нæ республикæйы администрацийы сæргълæууæг Фæрниаты Тамерланмæ. Уый хъæппæрисæй арæзт æрцыд техникон инспекци æмæ цыбыр рæстæгмæ æвæрд æрцыдысты сæрмагонд пандустæ. Ныры онг уал Дзæуджыхъæуы æвæрд æрцыдысты 7 пандусы. Фидæны ма хъуамæ сæвæрой 4. Къутæрты Аидæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы йе` нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыцы цæрджытæн æвæрынц кæнынц пандустæ
Категория:
Новости и СМИ