Тагъддæр, бæрзонддæр, тыхджындæр
Корейаг горæт Пхёнчханы абон байгом сты 23-аг Олимпаг хъæзтытæ. Куыд зонæм афтæмæй уæрæсейаг спортсментæн сæ архайд рауад къуылымпыгонд. Ерысты архайынæн уæрæсейаг минæвæрттæн сæ размæ æвæрд æрцыд цæлхдуртæ.Нæ бæстæйы тырыса сисыны бар дæр сын нæ уыдзæн. Фæлæ спортсментæн сæ ныфс саст нæу. Цæгат Ирыстон у зымæгон спорты хуызтæ кæм рапарахат сты, ахæм регионтæй иу. Цымыдисæй æнхъæлмæ кæсдзыстæм иугонд командæйы æнтыстдзинæдтæм. Зæгъæм дзæуджыхъæуккаг æвзонг фигуристтæн-хистæр зындгонд спортсментæ сты хорз дæнцæг. Сывæллæттæ ныридæгæн зæрдæргъæвдæй кусынц, олимпаг иугонд командæмæ бахауыныл. Уарзон спортсменты фарс хæцын канд телевизормæ кæсгæйæ нæ... Цæгат Ирыстоны æвзонг хоккеисттæ æмæ фигуристтæ иузæрдион сты – уæрæсеаг спортсментæй хуыздæр кæй нæй, ууыл. Се стырдæр бæллиц у – уыдоны хуызæн суæвын. Æмæ цæмæй сæ фæндтæ сæ къухы бафтой, ууыл абон дæр зæрдиагæй архайынц. «Раздæр Сочийы цардыстæм. Ныр дæр тынг стыр нæ дæн. фæлæ ма бынтон гыццыл куы уыдтæн. уæд Сочийы Олимпаг хъæзтытæ уыдысты. Афтæ рауад æмæ иу хатт мæн дæр ахуыдтой къахдзоныгътыл аив чи быры æмæ кафы, уыдоны ерыстæм. Спорты ацы хуыз мæ зæрдæм афтæ тынг фæцыд æмæ мæ мады цæрын нал уагътон - мæн дæр ахæм секцимæ радт, зæгъгæ. Ныр 3 азы ахуыр кæнын къахдзоныгътыл аив бырын. Ис мæм стыр-стыр бæллиц - Олимпаг хъæзтыты архайын. Æппæтæй хуыздæр та дзы рамбулын», – загъы Полина Ильина. Æрыгон спортсменты бæллиц сæххæст кæнын сывæллæттæн æххуыс кæнынц сæ тренертæ. Ксения Желепенайтейы æрбахуыдтой Сочийæ. Тренеры ныхæстæм гæсгæ, сывæллæттæ тынг зырдæргъæвдæй архайынц спортæй. Алкæмæдæр сæ ис тырнындзинад – уый та у уæлахизтæм фæндаг. «Цæгат Ирыстоны фидар спортивон традицитæ ис. Уымæн æвдисæн спорты алы хуызтæй архайджыты нымæц. Уæлдайдæр та сывæллæттæ. Кæсын сæм æмæ сæ бирæтæ суинаг спортсментæ кæй сты, уый уынын. Кæйдæрты бон у Уæрæсейы Кубок рамбуоыны ерыстæм бафтын. Республикæйы иугонд командæйы уæнг суæвын, фæстæдæр та бахауын Уæрæсейы иугонд командæмæ. Фæлæ ма ацы хъуыддаджы, ерыстæм ацæуынæн хъæуынц хца æмæ ныццарджыты æххуыс», – загъы тренер Ксения Желепенайте. Къахдзоныгътыл аив бырын – спорты хуызтæн сæ рæсугъддæртæй иу у. Специалистты æмæ экспертты хъуыдымæ гæсгæ та уæрæсейаг фигуристтæн – дунейы æмбал нæй. Ныфс дарæн ис цæгатирыстойнаг фæсивæдыл дæр. Ныртæккæ ихын гауаны спортæй архайынц 150 сывæллоны бæрц. Олимпаг хъæзтыты архайыны бар та ис 15-азыдзыд спортсментæн. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ чи зоны, 2026 азы Олимпаг хъæзтыты архайдзысты нæ республикæйы фигуристтæ. Владислав Мирзоев ныридæгæн дæр архайдта цалдæр ерысты. Къахдзоныгътыл аив бырыныл ахуыр кæнын райдыдта 11-азыдзыдæй. Ныр цæры Санкт-Петербурджы. Уый дæр æрмæстдæр спортивон сусæгдзинæдтыл ахуыр кæнынæн. «Цалдæр азы размæ йæ куы йæ базыдтон Дзæуджыхъæуы ихын галуан аразынц, уæд мæ ныййарджытимæ райдыдтам информаци агурын. Ома. кæд сцæттæ уыдзн, цавæр фадæттæ дзы уыдзæн, тренертæ чи уыдзысты. Тынг мæ фæндыд ацы секцимæ бацæуын, къахдзоныгътыл аив бырын сахуыр кæнын. Мæ цард йемæ ‘сбæттын. Ме стырдæр бæллиц та у стыр спортсмен суæвын, Олимпаг майдан рамбулын», – загъы Владислав Мирзоев. 2022 азы Пекины зымæгон Олимпаг хъæзтытæм йæхи тынг цæттæ кæны. Куыд алы спортсмен, афтæ Владислав дæр тырны йæ спортивон бæллиц сæххæст кæнынмæ – сызгърин майдан рамбулын. Фæлæ уый фæдæны. Ныр та уал зæрдиагæй кæсдзæн олимпаг ерысгæнджытæм. Хæццæн уæрæсеаг спортсменты фарс. Ахуыр кæндзæн сæ фæлтæрддзинадыл. Æвзонг лæппуйы уырны – цыфæнды политикон ахастдзинæдтæ æмæ уавæртæ нæ хынцгæйæ – Уæрæсейы спортсментæ дунейы се ппæтæй хуыздæр æмæ тыхджындæр кæй сты, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Тагъддæр, бæрзонддæр, тыхджындæр
Категория:
Новости и СМИ