Стъараполы крайы æрцыд зæххæнкъуыст
Абон райсомы 4 сахаты æмæ 50 минутыл Стъараполы крайы æрцыд зæххæнкъуыст. Йæ магнитудæ - 3 æнæхъæны æмæ 9 дæсæм хайы. Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, æрдзон фыдбылызы хъыгдард ничи баййæфта. Æнæнхъæлæджы уавæрты регионалон министрады куыд фехъусын кодтой, афтæмæй сæм зæххæнкъуысты тыххæй фæхабарчындæуыд Цæгат Ирыстоны геофизикон службæйæ. Бæлвырдгонд бæрæггæнæнтæм гæсгæ, зæххы уæлцъар базмæлыд станицæ Ессентукскаямæ хæстæг. Æрдзон фæзынды эпицентр дзы уыдис 4 километры хуссармæ дарддæр, йæ арф та - 30 километры. Кæд зæххæнкъуыст ницы фыдбылызтæ `рхаста, уæддæр æвæстиатæй сæ къахыл алæууын бахъуыд ирвæзынгæнджыты 7 къорды уæнгты. Бæстыхæйтты техникон уавæр базонынæн та сарæзтой 22 кусæг къорды. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Стъараполы крайы æрцыд зæххæнкъуыст
Категория:
Новости и СМИ