Цæгат Ирыстоны агуырынц 2004 азы гуырд лæппу æмæ чызджы
Змейкæйы станицæйы цæрджытæ сты. Уый тыххæй хъусын кæны æнæнхъæлæджы уавæрты министрады регионалон управленийы пресс-службæ. Æххуыс агуыр сæм фæсидысты сывæллæтты ныййарджытæ. Хъæуы Администрацийы бæстыхайы апарахат кодтой оперативон штаб. Фæсивæды агурынц 40 ирвæзынгæнæджы. Штабы уынаффæмæ гæсгæ сгарынц Терчы былгæрæтты. Елхоты хидæй Кæсæг-Балхъары арæнты онг. Уымæй уæлдай ма мидхъуыддæгты кусджытæ хъæуы цæрджытимæ зилынц зæронд фермæтæ æмæ хæдзæрттыл. Уымæй уæлдай ма сæ агурынц хъæды дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны агуырынц 2004 азы гуырд лæппу æмæ чызджы
Категория:
Новости и СМИ