Æрдзон зынгсирвæзтыты ныхмæ Цæгат Ирыстоны сифтонг кæндзысты 6 ног техникæйы иуæджы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

37 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

37 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

37 просмотров

7 лет назад

Æрдзон зынгсирвæзтыты ныхмæ сæрмагонд техникæйы нымæц фæфылдæр кæндзысты Цæгат Ирыстоны. Ацы аз республикæйы хицауад фæнд кæны 6 техникæйы иуæджы балхæнын. Уый национ проект «Экологи»-йы фæлгæты. Уый тыххæй дзыллон информацион фæрæзтæн хъусын кæны Æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министры хæдивæг Доййаты Хъазыбег. 18 милуан сомæй фылдæр радих кодтой проектæн «Сохраним лес», зæгъгæ. Уый ахаддзæн хъæдты æдасдзинадыл. Ныртæккæ профилон министрады бæрны ис 6 техникæйы иуæджы. Ноджы уый бæрц ма сæм бафтдзæн. 3 зынгхуыссынгæнæн æмæ 3 хъæдхъахъхъæнæн хæдтулгæйы. Ууыл схардз кæндзысты 11 милуан сомæй фылдæр. Уымæй уæлдай ма 9 милуан сомæн, балхæндзысты трактортæ æмæ бульдозертæ. Уыдон дæр пайда уыдзысты куысты. Афтæмæй араздзысты зынгсирвæзты ныхмæ фæндæгтæ, уыдзысты ифтонг хъæугæ инвентарьæй. Национ проекты руаджы ма ацы аз республикæйы районты ныссаддзысты бæлæстæ 52 гектарыл, уый ахъаз уыдзæн хъæды æвæрæнты рæзтæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Æрдзон зынгсирвæзтыты ныхмæ Цæгат Ирыстоны сифтонг кæндзысты 6 ног техникæйы иуæджы

Категория:

Новости и СМИ