Фыццаг тыллæг
Загъта, чысыл амалхъом адæймæгтæ куыд пайда сты хъæууон хæдзарады къабазæн, афтæ æгъау агропромышленнон куыстуæттæ дæр. Уый тыххæй бабæрæг кодта агрокомбинат «Экосфера», зæгъгæ. Цы федта, уымæй разыйæ баззад. Бафиппайдта, халсарты куыст кæныны рæзтмæ стыр æвæрæн кæй бахæсдзæн. Уый та хъæугæ хъуыддаг у, уый тыххæй æмæ халсарты куыст кæныны фарста нæ республикæйы зындзинæдтæ ййафы. Ахæм хъуыдыйыл хæст у профилон министр дæр. Æмæ дам, алцыдæр кæндзыстæм, цæмæй фарста аиуварс кæной. Не сфæлдыстадон къорд абалц кодта уыцы агрокомбинат «Экосфера»-мæ æмæ федта, куыстуат куыд ахады ныридæгæн, уый. Къуымæлæгкаты Фатимæйы æрмæг Алагиры районæй. Ивгъуыд аз Ирыстоны хъæууон хæдзарад хорз æнтыстдзинæдтæ равдыста. Стырдæр проекттæй иу -агрокомбинат «Эко-Сфера» Алагиры районы. Куыстуатыл афæдз дæр нæма цæуы, фæлæ йæ авналæнтæ сты уæрæх. Ам сæрмагондæй джитъритимæ архайынц. Хъæрмуат ахсы 3 гектары. Фидæнмæ хицауады зæрды ис фæзуат фестырдæр кæнын. Уыимæ фæзындзысты джитъриьты ног хуызтæ дæр. Фæфылдæр уыдзæн сæ бæрц. Фæлæ ныры тыллæг дæр кусджыты зæрдæ рухс кæны. Зæххыл цы хæтæлтæ цæуы, уыдон дæттынц хъарм. Сæ дæргъ у 50 километрмæ хæстæг. Уымæй уæлдай ма кæнынц рельсыты куыст дæр. Хъæрмуат у конд европæйаг стандарттæм гæсгæ æмæ дзуап дæтты æппæт нырыккон домæнтæн. Ам джитъритимæ кусы 45 адæймаджы. Уыдон куы нæ фæфаг кæнынц, уæд ма резервæй адæм æрбахонынц. Куыст цæуы алы бон дæр. Халсар йæхимæ лæмбынæг зылд домы. фæлæ кусджытæ сахуыр сты. Куыстуаты разамынд адæмæн хорз уавæртæ сарæзта. Райсомæй сæ æрбаласынц хъæрмуатмæ, изæры та сæ сæ хæдзæрттыл сымбæлын кæнынц. Уымæй уæлдай ма кусджытæн ис хæрæндон. Сихор сын вæййы лæвар. Абон «Экосфера» йæ тыллæг уæй кæны æрмæст Ирыстоны нæ,фæлæ ма сыхаг республикæты дæр. Фæлæ сæм фидæнмæ ис стыр пълæнттæ. Мах та нæ зæрдæ дардзыстæм тагъд рæстæдж Ирыстонæй ласт джитъритæ кæй апарахат уыдзысты æппæт Уæрæсейыл дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Фыццаг тыллæг
Категория:
Новости и СМИ