Дзанайты Барис амыдта фарстаты фæдыл æмбырд

Туристон кластер, къабазы национ проект æмæ мастер-пълан æххæст кæныныл дзырдтой, Дзанайты Барис цы æмбырд сарæзта, уым. Фарон 16 æхсæнадон хъæппæрисæн радтой гранттæ 130 млн сомæй фылдæрæн. Уыцы æхцайæ туристтæн сæвæрдтой 90-æй фылдæр тагъд ааразгæ конструкцийы. Афтæ, сезон йæ тæмæны куы уыд, уæд бынæтты нымæц зынгæ фæфылдæр. Премьер дзуапдæттæг комитетæн бабар кодта сбæлвырд кæнын, фысымуæтты номертæ æдæппæтæй цас хъæуы, уый. Уымæ гæсгæ аразын фылдæр гыццыл отельтæ, цæст дарын фысымуæтты классификацимæ, бахæссын сæ федералон реестрмæ æмæ архайын Уæрæсейы Экономикон райрæзты министрады программæты. Къабазы райрæзтæн фидæны ахъаз уыдзæн туркластер "Солнечный пояс Алании" мастер-пълан. Йæ хыгъдмæ хаст сты æппæт сæйраг балцвæдтæ æмæ туристон инфраструктурæ. Егъау проект сæххæст кæныны хъуыддаг нырма разæй ис. Æмгуыстадмæ цæттæ чи у, уыцы амалхъом адæймæгтæн æххуыс кæндзысты. Уый тыххæй бакуыстой цалдæр механизмыл. Зæгъæм, бизнесментæн зæххы хæйттæ дæтдзысты ӕнӕ базаргӕнгӕйӕ. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ æнтыстджынæй цæуы хæххон территориты райрæзт. Цæттæ сты Хъæрмæдон, Къæхтысæр, Хохы Дыгур, Мамысонмæ фæндæгтæ æмæ хидтæ. Фидæны курорттæ "Цъæй" æмæ "Мамысон"-мæ хъуамæ цæуа æхсæнадон транспорт.

Иконка канала IRYSTONTV
1 494 подписчика
12+
41 просмотр
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии