Сочийы фембæлдзысты Гасситы Мурат æмæ Юниер Дортикос
3-æм февралы Сочийы фембæлдзысты Гасситы Мурат æмæ Юниер Дортикос. ТАСС куыд фехъусын кодта, афтæмæй хæцдзысты галуан "Большой"-ы. Зындгонд боксерты фембæлд хъуамæ раздæр Майамийы ацыдаид, фæлæ фæстагмæ аразджытæ уæрæсейаг курорт равзæрстой. Сæ фембæлд уыдзæн цымыдисаг. Дыууæ спортсмены дæр иу хатт дæр нæ фæхæрд сты. Гасситы лæппу хæцыд 26 хатты профессионалон боксы, Дортикос та 22. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Гасситы Мурат октябры фыццаг уæззау уæзы æппæтдунеон чемпион кæй сси, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Сочийы фембæлдзысты Гасситы Мурат æмæ Юниер Дортикос
Категория:
Новости и СМИ