Сæ кады номыл

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

Хуымæтæг ерыстæ нæ, фæлæ хъæбатырты рухс ном ссарыны мадзал. Ахуырадон центр «Тактикæ»-йы арæзт æрцыд æхстыты æрвылазон турнир. Арæзт вæййы, Беслæны сывæллæтты амынæтæй уæгъдгæнгæйæ сæрмагонд службæты кусджытæй чи фæмард, уыдоны номыл. Турниры архайдтой 46 командæйы Дагестанæй суанг Мурманскы онг. Нæ республикæйы æфсæддонтæ дæр дзы сæ арæхстдзинад равдыстой. Ерыстæ куыд цыдысты, уый тыххæй радзурдзæн нæ уацхæссæг. Иу уысммæ хъуамæ цалдæр нысаны къуырд æрцæуой. Алы командæйæн дæр ис йæхи хæслæвæрд. Архайынц дыгæйттæй. Турнир ирхæфсæн нæу. У æцæг хæстон уавæрты бындурыл арæзт. Æрымысгæ цаумæ гæсгæ, архайджыты цыбыр рæстæгмæ хъæуы фыдгæнджыты рабæрæг кæнын, æмæ амынæты чи бахауд, уыдоны суæгъд кæнын. Турнир арæзт æрцыд Беслæны скъолайы сывæллæтты ирвæзынгæнгæйæ чи фæмард, уыцы сæрмагонд службæты кусджыты номыл. Æхстыты турниры архайы 46 командæйы нæ бæстæйы алы регионтæй. Ерысты сæ арæхстдзинад æвдисынц куыд юниортæ, афтæ фæлтæрдджын æхсджытæ дæр. Турниры архайæг Дыгуры Аслан: «Фæнды фыццаджыдæр мæхи бафæлварын. Цымыдисаг мæм кæсы. Ахуыртæ цæуынц ДОСААФы, æмæ нын бар радтой ацы чемпионаты архайынæн. Мах дæр сразы стæм». Хъæбатырты номыл ерыстæ ахуырадон центр «Тактикæ»-йы арæзт вæййынц æрвылаз. Турнир хуымæтæг нæу. Мурманскæй æмæ Дагестанæй чи ссыд, ыцы архайджытæ сæ зонындзинæдтæ æвдисынц бæлвырдгонд сценаримæ гæсгæ. Мадзал аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй турнир у æфсæддонтæн хорз хъомыс сæ цæттæдзинадæн. Уæдæ хæцæнгарзæй пайда кæныны техникæ дæр фæхуыздæр вæййы. Турнир арæзт уыдзæн иннæ аз дæр. Йæ архайджытыты нымæц фылдæрæй фылдæр кæндзæн. Кæрæдзийæн сæ суанг хорз лымæнтæ дæр рауайдзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Сæ кады номыл

Категория:

Новости и СМИ