Æдасдзинады ахуыртæ
Нæ республикæйы сарæзтой граждайнаг хъахъхъæнынады ахуыртæ. Æнæнхъæлæджы уавæры хи куыд бахъахъхъæнæн ис уый тыххæй радзырдтой граждайнаг хъахъхъæнынады кусджытæ. Æдæппæтæй ахуырты архайы 2 мин адæймаджы æмæ техникæйы 500 иугонды. Куыстуат «Победит»-æй нæ дарддæры æрмæг. Адæмы срæмыгъдтытæй хъахъхъæнæн бынат хъуамæ цыбыр рæстæгмæ уа цæттæ. Ахæм бардзырд райстой сæрмагонд ахуырты архайджытæ. Командыгæнæджы дæлбар ис 9 адæймаджы. Алкæмæндæр дзы хицæн хæстæ. Цæгат Ирыстоны райдыдтой граждайнаг хъахъхъæнынады æппæтуæрæсеон ахуыртæ. Разамынды пункттæ, бастдзинады æмæ хъусынгæнæн системæтæ сæ куыст кæнынц хæстон уавæры фæткмæ гæсгæ. РЦИ-Аланийы æнæнхъæлæджы цауты управленийы разамонæджы хæдивæг Александр Кулинский: «Дзæуджыхъæуы кусынц граждайнаг хъахъхъæнынады фæрæзтæ. Уыцы номхыгъдмæ ис бахæссæн хъахъхъæнæн арæзтæдтæ, радиацион-химион цæстдард æмæ техникæ æдасгæнæн станцæ æмæ афтæ дарддæр. Æдæппæтæй ахуырты архайы 2 мин адæймаджы æмæ техникæйы 500 иугонды. Ахуырты размæ цы нысантæ сбæлвырд кодтам уыдон æнтыстджынæй æххæст кæнæм». Срæмыгътытæй хи бахъахъхъæнæн бынат ис куыстуат «Победит»-ы фæзуаты. Æдасдзинады домæнтæн дзуапп дæтты. Æнæнхъæлæджы уавæры дзы уæлдæф сыгъдæггонд цæуы фильтрты фæрцы. Бахъуаджы заман куыст куыд æмбæлы афтæ цæмæй цæуа – уый у ахуырты сæйраг хæс. Мадзæлттæ сбастой Граждайнаг хъахъхъæнынанды бонимæ. Уæрæсейы йæ бæрæг кæндзысты 4 -æм октябры. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æдасдзинады ахуыртæ
Категория:
Новости и СМИ