Цæгат Ирыстоны богалттæ турнир «Аланы» рамбылдтой 5 сыгъзæрин майданы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Фондз ирон богалы рамбылдтой 5 сыгъзæрин майданы «Аланы», зæгъгæ, æппæтадæмон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Се `хсæн Цæболты Хетæг, Рæмонты Сослан, Уалыты Чермен, Кцойты Сослан æмæ Гæззаты Батрадз. Æдæппæтæй турниры архайдтой 300 спортсмены, дунейы 25 бæстæйæ. Ерыстæ цыдысты дыууæ боны. Кæронбæттæны тохты архайдтой 8 ирон богалы. Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав Уæгъдибар хъæбысхæсты Федерацийы президент Михаил Мамиашвилийы схорзæхджын кодта «Ирыстоны намысы» майданæй. Уæрæсейы иугонд командæйы сæйраг тренер уæгъдибар хъæбысхæстæй Тедеты Дзамболаты та «Ирыстоны намысы» майданæй. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ мадзал арæзт цæуы Битарты Вячеславы хъæппæрисæй. Сæргълæууæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй турнир «Аланы» дарддæр араздзысты Цæгат Ирыстоны. Йæ архайджыты нымæц дæр кæндзæн фылдæр. Уыимæ ма республикæйы фæнд кæнынц нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтдзæн ахæм егъау спортивон комплекс саразын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстоны богалттæ турнир «Аланы» рамбылдтой 5 сыгъзæрин майданы

Категория:

Новости и СМИ