Дзæуджыхъæуы уыд Илас Æрнигоны мысæн изæр

Илас Æрнигоны мысæн изæр ацыд Цæгат Ирыстоны фæсивæдон чиныгдоны. Ирон поэт æмæ тæлмацгæнæджы райгуырдыл сæххæст 135 азы. Мадзал бацæттæ кодтой Фысджыты цæдисы хъæппæрисæй. Архайдтой дзы Æрыдоны районы культурæйы минæвæрттæ, 3-æм æмæ 13-м скъолаты ахуырдзаутæ æмæ Хæххон паддзахадон аграрон университеты студенттæ. Илас Æрнигон, йæ æцæг ном - Тогуызты Газакк, райгуырд 1888 азы 10 декабры Æрыдоны. Фыццаг ахуыр кодта йæ хъæуы райдайæн скъолайы, фæстæдæр та дины семинары. Уый каст куы фæци, уæд куыста Лæцы хъæуы уырыссаг æвзаджы ахуыргæнæгæй. 1911 азы Газакк афтыд Маньчжуримæ, йæ ахуыр адарддæр кæнынæн æй хъуыди æхца бакусын. 1915 азы йæ райстой Владивостокы Хурыскæсæйнаг институтмæ. Кодта ахуыр æмæ кусгæ дæр. Йæ райгуырæн бæстæн зæрдæйæ балæггад кæнын фæндыд Æрнигоны. Уыцы бæллиц æй сразæнгард кодта «Ирон грамматикæ» ныффыссынмæ дæр. Ирыстонмæ ссыд 1934 азы. Ирон æвзагмæ ратæлмац кодта Даниель Дефойы «Робинзон Крузо», Антон Чеховы цалдæр радзырды. Æрнигоны æнæаххосæй æрцахстой 1936 азы æмæ дыууæ азы фæстæ репрессийы æвирхъау зилдухы бацарæфтыд. Илас Æрнигоны лирикон поэзи хайджын у Ирыстонмæ, нæ æрдзмæ, адæммæ уарзты монцтæй. Уыцы иу рæстæг дзы ис æфхæрд адæймаджы хъуыдытæ дæр. Йæ радзырд «Челе» та æвæрд æрцыд Ирон театры сценæйыл. Бакуыста йыл Цæгат Ирыстоны адæмон артист, режиссер Битарты Алыксандр.

Иконка канала IRYSTONTV
1 461 подписчик
12+
17 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии